Гастролтæ Хуссар Ирыстонмæ

Ивгъуыд сабаты ирон академион театры цы ног премьерон спектакль «Æртæ рæсугъд»-ы ацыд, уый ацы бонты фендзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр. Спектаклы режиссер-æвæрæг у Хъæцмæзты Фатимæ.

Гастролтæ Хуссар Ирыстоны райдайдзысты абон, арæзт цæуынц ирон театры разамынды хъæппæрисæй. Зæгъæн ис, æмæ уым ацæудзæн спектаклы дыккаг премьерæ. Равдисдзысты йæ 27-æм æмæ 28 апрелы.
Уымæй уæлдай ма, гастролты рæстæг чысыл театрдзаутæн равдисдзысты спектакль «Наф-наф, Ниф-ниф æмæ Нуф-нуф». 27 апрелы равдисдзысты дыууæ , 28 апрелы та æртæ спектаклы.

Read Full Article